Меню
Разработки
Разработки  /  Начальные классы  /  Уроки  /  4 класс  /  Я люблю Владикавказ

Я люблю Владикавказ

Владикавказ мой дом родной
13.01.2023

Содержимое разработки

Ирон æвзаджы урок 3-æм къласы.

Ахуыргæнæг – Тезиаты В. Т.

Темӕ: 1) Грамматикон темæ: Cæрмагонд номдартæ.

2) Ныхасы темæ: Нæ уарзон Дзæуджыхъæу.

Урочы эпиграф

«Дзæуджыхъæу – нæ Иры зæрдæ…»

(ДжиотыХъазыбег)


Урочы хуыз: урок-балц

Урочы нысантæ:

  1. Ахуырадон: Ахуырдзауты сæрмагонд номдартимæ базонгæ кæнын;

  2. Рӕзынадон: Ныхасы рæзтыл кусын;

  3. Хъомыладон: Сывæллæттæн сæ зæрдæты гуырын кæнын стыр уарзондзинад æмæ сæрыстырдзинад Дзæуджыхъæумæ.

Цæстуынгæ æмæ æххуысгæнæн æрмæг: интерактивон фæйнæг, горæты къамтæ, презентаци «Æз уарзын Дзæуджыхъæу», музыкæ, сывæллæтты конд нывтæ, проектон куыстытæ.


Урочы цыд


I. Бацæттæгæнæн рæстæг

1. Мотивацион уавӕр.

- Уæ бон хорз! Диссаджы дзӕбӕх бон скодта. Æмæ нæ зæрдæтæ цæмæй хъæлдзæг æнкъарæнтæй байдзаг уой, ууыл бацархайæм.

- Нæ абоны урок у тынг цымыдисаг. Нæ урокмæ нæм æрбацыдысты уазджытæ. Раттут ма сын салам. (Хъуысы музыкæ)

2. Фонетикон зарядкæ

Хъа-хъа-хъа – уæртæ не’скъæты фыркъа

Хъу-хъу-хъу – уæлæ уый цъæх бирæгъ у

Хъо-хъо-хъо – ратахт кæркдонæй Хъохо

Цъи-цъи-цъи – роды къæдзилыл хæцъил

Тъи-тъи-тъи – тæргайгæнæг у Фатъи

Чъы-чъы-чъы – мыст фæбыры хуынчъы.


II. Ахуыргæнæджы раныхас (муз. презентаци)

  1. Ног æрмæг.

- Дзæуджыхъæу, афтæ мæм кæсы, цыма дæ адæм нæ, фæлæ хуыцæуттæ сфæлдыстой ахæм зæххы хайыл. Дæгъæл æм ссар, байгом æй кæн, æмæ дын истории фæдзурдзæн йæ цинтæ ӕмæ йæ зынтæ дæр. Йæ царды дæргъы нæ горæтæн лæвæрд æрцыд цалдæр номы: Дзæуджыхъæу, Владикавказ, Орджоникидзе, Владикавказ/Дзæуджыхъæу.

- Сывæллæттæ, бакæсæм ма нæ урочы эпиграф

«Дзæуджыхъæу – нæ Иры зæрдæ…»

- Цæмæн равзæрстам ацы эпиграф? (Уымæн æмæ Дзæуджыхъæуы райгуырдыстæм, ам хъомыл кæнæм, уарзæм ирон æвзаг).

- Уæдæ Дзæуджыхъæу цавæр республикæйы горæт у? (Цæгат Ирыстон - Аланийы)

- Æмæ ма цавæр горæттæ ис нæ республикæйы? (Алагир, Æрыдон, Беслæн, Дигора, Мæздæг, Цхинвал)

- Нæ республикæйы сæйраг горæт та у Дзæуджыхъæу. Æмæ сæ куыд фыссын хъæуы? (Стыр дамгъæйæ)

- Куыд хонæм ахæм номдæрттæ? (имена собственные – сæрмагонд номдæрттæ)

- Уæдæ нæ урочы грамматикон темæ цавæр у? (Сæрмагонд номдартæ)

- Дзургæ та цæуыл кæндзыстæм? (Нæ горæт Дзæуджыхъæуыл.)

- Раст зæгъут, нæ урочы грамматикон темæ у сæрмагонд номдартæ.

- Нæ ныхасы темæ та куыд уыдзæн? («Нæ уарзон Дзæуджыхъæу»)


2. Инсерт. Целеполагание.

- Уæдæ цы хъуамæ базонæм нæ урочы? (Сæрмагонд номдарты растфыссынад æмæ нæ горæты рæсугъд бынæттæ)

- Цæмæн нæ хъæуы уыдон зонын? (Цæмæй хуыздæр зонæм Дзæуджыхъæу, раст фыссæм сæрмагонд номдартæ).

- Абалц кæнæм мæнæ ацы алæмæты трамвайыл. Фæлæ трамвай нæма ацæудзæн, цалынмæ ацы текст нæ равзарæм, уæдмæ.

3. Дзырдуатты ныффысæм мæнæ ацы дзырдтæ

Кæсгон, хæларæй, сомихаг, аив, гуырдзиаг.

  1. Æвзаргæ каст.

- Ссарут ма тексты хъуыдыйад, цавæр адæмыхæттытæ цæрынц нæ горæты? (сомихæгтæ, уырыссæгтæ, гуырдзиæгтæ, грекъæгтæ)

- Нæ къласы дæр ис сомихæгтæ, уырыссæгтæ, гуырдзиæгтæ.

- Кæддæриддæр нæ горæты цардысты æмæ цæрынц алыхуызон адæмыхæттытæ хæларæй, кæрæдзийы уарзгæйæ.

- Текстмæ гæсгæ бакусæм нæ кусæн тетрæдты. Цавæр сæрмагонд номдартæй баххæст кодтат хъыдыйæдтæ? (Сæрмагонд номдартæй)

- Абон урочы уæ куыстытæн аргъ кæндзыстут ахуыргæнæджы бæсты, фæнды мæ цæмæй хæларзæрдæ дарат кæрæдзимæ.


  1. Къордты куыст (тест.)

Девиз.

Иумæ зын нæу,

Иумæ æнцон у.

Иумæ у хъæлдзæг

æмæ æхцон.

Хъазт.

- Экскурсовод нæ зыны, цæй æмæ нæхæдæг ахъазæм.

- Кæй фæнды экскурсовод уæвын?

- Мах уыдзыстæм туристтæ, кæцытæ æрбацыдысты æндæр горæттæй, сымах та нæ гидтæ. (Сывæллæттæ-экскурсоводтæ нывмæ гæсгæ амонынц Дзæуджыхъæуы бæстыхæйттæ).

- Цымыдисаг рауади нæ экскурси. Сымахæй рауайдзæн хорз экскурсоводтæ.


6. Сывæллæтты проекттæ.

- Ныр та байхъусæм, проекттæ чи бацæттæ кодта, уыдонмæ.


7. Нывты равдыст. Æмдзæвгæтæ.

- Абоны урокмæ сывæллæттæ сæхи тынг дзæбæх бацæттæ кодтой, æмæ сæ нывты равдысты раз бакæсдзысты æмдзæвгæтæ.


8. Физминуткæ.

Ирон музыкæмæ гæсгæ уæ цæстытыл ауайын кæнут уæ уарзон къуым горæты.


9. Хъомыладон беседæ экологийыл.

- Рæсугъд у нæгорæт, уæлдай рæсугъддæр та сты йæ алыхуызон сыфтæрджын æмæ хихджын бæлæстæй нывæфтыд парктæ.

- Сымах, парчы уæвгæйæ, уæхи куыд фæдарут? (Бæлæсты къæлиутæ сæттын не’мбæлы, диднджытæ нæ тонæм æмæ афтæ дарддæр).


10. Кластер.

Фæйнæгыл дзырд «Дзæуджыхъæу» (Сахар, горæт, рæсугъд, Орджоникидзе, Владикавказ)








Сахар Владикавказ


Дзæуджыхъæу


Горæт Рæсугъд Орджоникидзе



11. Синквейн.

Нæ зонындзинæдтæ бафидар кæнæм. Синквейнæн райстам дзырд:

  1. Дзæуджыхъæу


2.Рæсугъд, стыр

3.Рæзы, цæры, рæвдауы

4.Æз уарзын Дзæуджыхъæу

5.Сахар (синоним)

- Сывæллæттæ, нæ балц кæронмæ æрхæццæ. Ацы урочы ногæй цы базыдтам? (Сæрмагонд номдартæ, нæ уарзон Дзæуджыхъæуы рæсугъд бынæттæ æмæ бæстыхæйттæ)


III. Кæронбæттæн.

  1. – Сывæллæттæ, сымах цæрут кадджын горæты, цæрут фæрнæйдзаг адæмы æхсæн. Сымахæн бирæ у уæ бон. Нæ фыдæлты æнусон кад размæ сымахæн хæсгæ у. Уыцы стыр кад æмæ намысы аккаг та уыдзыстут уæд, арф æмæ фидар зонындзинæдтæ куы райсат.

2. Рефлекси.

- Цы базыдтат ногæй ацы урочы?

- Тынгдæр уæ зæрдæмæ цы фæцыд?

- Цавæр бæрæггæнæнтæ сæвæриккат уæхицæн?


3. Хæдзармæ куыст: Ныфыссын сочинени-миниатюрæ (3 хъуыд-ды) «Æз уарзын Дзæуджыхъæу».

-80%
Курсы повышения квалификации

Эффективные формы и методы организации образовательно-воспитательного процесса в детском доме

Продолжительность 72 часа
Документ: Удостоверение о повышении квалификации
4000 руб.
800 руб.
Подробнее
Скачать разработку
Сохранить у себя:
Я люблю Владикавказ (33.34 KB)

Комментарии 0

Чтобы добавить комментарий зарегистрируйтесь или на сайт

Вы смотрели