Меню
Разработки
Разработки  /  Начальные классы  /  Уроки  /  2 класс  /  Номдарты нымац.

Номдарты нымац.

Данный урок представлен в виде игровой формы (работа с картинками, разгадка кроссворда) и расчитан на учащихся начальной школы.

23.12.2017

Содержимое разработки

Урочы темæ: Номдарты нымæц.

Урочы нысан: 1. Базонгæ кæнын сыв-ты номдарты нымацимæ;

2. Ныхасы рæзтыл кусын

3. Раст æмæ рæсугъд фыссыныл фæлтæрæнтæ кæнын;

4. Мадæлон æвзагимæ уарзондзинадгуырын кæнын.

Цæстуынгæ мадз.: таблицæ «Ныхасы арæзт», Эпиграф, карточкæтæ æмдзæвгæтæй скъуыддзæгтимæ, ныв «Зымæгон хъæзтытæ», карточкæтæ ребустимæ.



Урочы цыд:

1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Сыв-тæ абон махмæ æрбацыд писмо. Ныртæккæ уын æй æз бакæсдзынæн æмæ йæ базондзыстут кæмæй у, уый. Каст ай куы фæуон, уæд мын сымах зæгъдзыстут кæмæй у æмæ цæуыл у йæ мæт.

Писмо

«Æз дæн ирон æвзаг – уæ мадæлон æвзаг. Уæ кад æмæ уæ намыс. Æз æрцыдтæн сымахмæ бирæ æнусты тымыгътæбавзæргæйæ… Зын мын уыд, фæлæ мын ноджы зындæр та абон у…Анкъад дæр æз… Сымахæй аразгæ у мæ фидæн. Уырны мæ сымах фæрцы мын кæй уыдзæн рæсугъд фидæн. Амондджын ут, мæ хуртæ. Нæ хуыдæр фембæлдмæ»

Кæмæй у ацы писмо?

Цæуыл мæт кæны нæ мадæлон æвзаг?

Куыд зæгъут, бауаддзыстæм æй сæфын?

2. Разныхас.

Сыв-тæ ракæсут ма мæнæ фæйнæгмæ. Ныртæккæ бакæсдзыстæм, цæй кой дзы кæнынц. Уый нæ урочы дæр уын æз ирон æвзагмæ уарзондзинад кæй гуырын кæндзынæн, уый.

«Куыд хорз, куыд кадджын дæ мæ цæсты, Нæ ирон мадæлон æвзаг!»

Ацы æмдзæвгæйы рæнхъытæ ныффыста Чеджемты Æхсар, кæцы бирæ уарзы ирон æвзаг æмæ йæ фæнды, цæмæй йæ сыв-тæ дæр уарзой æмæ йæ ахуыр кæнынмæ зивæг ма кæной. Мæн дæр фæнды, цæмæй нæхи мадæлон æвзаг хорз зонæм, æмæ уын алы урочы дæр дæттын ног зонындзинæдтæ.

3. Таблицæ «Ныхасы рæзт»

Ныр та æрбакæсут нæ зонгæ таблицæмæ. Æз уын уæ зонындзинæдтæ сбæрæг кæнон. Фыццаг къæпхæныл цæимæ базонгæ стæм? (мыр æмæ дамгъæимæ). Базонут-ма уыци-уыцитæ мыртыл.

«Цавæр мыр зоны кæуын?»(И)

«Цавæр мыр зоны цин кæнын?»(О)

«Калмау уасын цавæр мыр зоны?»(С)

«Бæхы йе’згъорынæй цавæр мыр бауромы(Р)»

4. Раст, сыгъдæгфыссынады минуттæ.

Байгом-ма кæнут уæ тетрæдтæ. Цавæр мыр фæлхат кæндзыстæм?

Къ-къ къалиу

5. Æрхъуыды кæнут къ-имæ дзырдтæ.

Ацы нывы цы уынут? (къахдзоныгътæ).

Скæнæм дамгъон-мырон анализ

Къахдзоныгътæ – 13 д., 10 м., 4 хъ., 4 уæн., 6 æмхъ..

Зæгъæм хъуыдыйад ацы дзырдимæ. (сыв-тæ бырынц къахдзоныгътыл).

Нæ таблицæйыл кæцы къæпхæныл слæууыдыстæм? (Хъуыдыйадыл)

Цы ис саразын цалдæр хъуыдыйадæй (ныхас).

Ныхас дих кæны хæйттыл.

Цал дзы зонæм?

Цавæртæ?

6. Ног æрмæг. Номдарты нымæц.

А) Байхъусут-ма уыци-уыцитæмæ æмæ йæ базонут абоны урочы кæцы ныхасы хаимæ кусдзыстæм?

«Дунетыл нæй мæнæй фылдæр,

Цæрын æмбæлттимæ æнгом.

Ныхасы хæйттæн дæн сæ сæр

Хæссын æз предметæн йæ ном»

(Номдар)

Цы æвдисы номдар?

Цавæр фæрстытæ домы?

Кæцы номдарты фæрсæм Чи?(Цы?)

Б) Нывимæ куыст.

«Зымæгон хъæзтытæ»

Сыв-тæ, ацы нывмæ гхъуыæсгæ нæ хъæуы цыбыр радзырд саразын, фæлæ уал байхъусут дыууæ æмдзæвгæйы скъуыддзæгтæм æмæ зæгъут нæ нывы мидис дзы кæцы æвдисы?

1) «Хъыст зымæг, тыхст зымæг

Нæ катай нæ мæт.

Йæ бонтæ – фыдæбонтæ,

Йæ бахсæв-мæлæт»

2) «Мах, мæ хур, хъызт зымæг

Рагæй нал у тыхст зымæг

… … …

Хъуысы риутæн сæ динг-динг.

Къахдзоныгътæй йæ сыф – сыф.

Атт, чызджытæ, лæппутæ

Уазал худы тæппудыл.»

Кæй фыст у фыццаг æмдзæвгæ? (Къостайы).

Æвдисы нын нæ нывы хъуыды? (не’вдисы).

Дыккаг æмдзæвгæйы скъуыддзаг ист у Айларты Измаилы фыст æмдзæвгæйæ æмæ нын нæ нывы хъуыды раст æвдисы.

В) Ныв æвзарын фарстытæм гæсгæ.

Цавæр афæдзы афон у нывы?

Цæмæй бæрæг у?

Чи ис æвдыст нывы?

Цы ми кæнынц?

Бакæсут-ма сын сæ цæсгæмттæм, сæ дарæсмæ.

Цы у нæ бон зæгъын?

Куыд æрвитынц сæ рæстæг сыв-тæ?

Чи радзурдзæн нæ конд хъуыдыйæдтæ иууылдæр иумæ радзырды хуызы?

«Раллæуыд хъызт зымæг. Ныууард арф мит. Сывæллæттæ нæ тæрсынц уазалæй. Уыдон акодтой сæ дзоныгътæ æмæ бырынц къуыбырæй».

Рахицæн кæнын текстæй номдартæ. (зымæг, мит, сывæллæттæ, дзоныгътæ).

Ацы номдартæй кæцыдæртæ æвдисынц иу предмет, иннæтæ та бирæ предметтæ. Фæхицæн сæ кæнæм.

Иу Бирæ

мит сывæллæтæ

зымæг дзоныгътæ



Г) Хатдзæг: иу предмет цы номдартæ æвдисынц, уыдон хуыйнынц иууон нымæцы номдартæ;

Бирæ предметтæ цы номдартæ æвдисынц, уыдон хуыйнынц бирæон нымæцы номдартæ.

Д) Чиныгимæ куыст.

1) 175 фæлт. (алы хъуыдыйады дæр агурæм номдартæ æмæ сын бæрæг кæнæм сæ нымæц).

2) Раиртæст бакæсын.

Е) Хъазт «Кроссворд»-æй.

Цавæр дзырдтæ ис саразын ацы дамгъæтæй?



з




г


а


дз




гъ




и




Куыд уыдзысты ацы номдартæ бирæуон нымæцы?

7) Хæдзæрмæ куыст.

174 фæлт., раирт., наизусть.

8) Кæронбæттæн урокæн.

А) Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

Б) Нæ урок мæ фæнды фæуын Чеджемьы Æхсары æмдзæвгæйæ цы цыппарæнхъоны райстон, уымæй.

-80%
Курсы повышения квалификации

Профилактика нарушения зрения у детей и подростков

Продолжительность 72 часа
Документ: Удостоверение о повышении квалификации
4000 руб.
800 руб.
Подробнее
Скачать разработку
Сохранить у себя:
Номдарты нымац. (24.38 KB)

Комментарии 0

Чтобы добавить комментарий зарегистрируйтесь или на сайт