Меню
Разработки
Разработки  /  Прочее  /  Уроки  /  11 класс  /  Трагедия "Хъодыгонд зад"

Трагедия "Хъодыгонд зад"

Трагедия Шамиля Джигкаева "Хъодыгонд зад" актуальна на сегодняшний день. На уроке разобрана главная тема трагедии, дана характеристика главным героям.

22.01.2019

Содержимое разработки

Гом урок. 11 кълас.

Джыгкайты Шамил. "Хъодыгонд зæд".



Урочы темæ: Иудзинадмæ сидт Джыгкайты Шамилы историон трагеди "Хъодыгонд зæд"-ы.

Эпиграф: "Ирыстонæн мæ цы фæндыди, мæ бон цы уыд, уый сарæзтон. Мæн фæндыд тырыса равдисын æмæ йæ равдыстон. Адæмæн тырыса куы нæ уа, уæд сæ ницы иу кæны, уæд сын нæй ном æмæ фидæн". (Джыгкайты Шамил)

Урочы нысан: 1. Райхалын пьесæйы мидис, йæ сæйраг идейæ адæмы фарныл тох кæнын кæй у, уарзт царды бындур æмæ ирвæзынгæнæг кæй у, уый бамбарын кæнын.

2. Ахуыр кæнын скъоладзауты уацмысæн анализ кæнын æмæ сæйраг хъайтартæн характеристикæ дæттын зоныныл.

3. Нацийы тых сæ иудзинады кæй ис, уый æмбарынгæнгæйæ, ууыл сæ цард ратджытæй сæрыстыр уæвын; се ´ сгуыхтдзинæдтæ зонынмæ тырнындзинад гуырын кæнын.

Урочы хъомыладон хæс:

Адæймаг - Фыдыбæстæйы фарнхæссæг.

Урочы æрмæг: Трагедийы текст, Шамилы чингуытæ, авторы портрет, Аланты тырыса æмæ Ирыстоны гимн, эпигрæф, слайдтæ Æндидзæн рæстæгæй.

Урочы техникон фæрæзтæ: компьютер, интерактивон фæйнæг.



(Хъуысы рагон хъисфæндыры мелоди).

Саударæг:

Уæззау рæстæг... Цъæх арт æмæ фæздæг гуылфæн кæнынц. Ызнæт бæхты мыр-мырæй ыскъуыйы арв. Сæ цæфхæдты бын зæхх хъæрзгæйæ ризы. Хотыхты зæллангæй ныккæрзы зæрдæ. Зонд цы скодта хорзæй, - хæрам сæ пырх кæны. Хæты мæлæт, æмæ цæуы дуне йæ фæстæ сæфтмæ, фæдисау хъуысы хъæр æмæ цъæххахст...Уæззау рæстæг. Тызмæг дуне. Ызнæт. Ныййарæг зæхх! Цæсты сыгау цъæх арвæй. Æрхаудтæ ды æдзæм талынгмæ. Рухс æмæ сыгъдæгæй стъалыйау æрттывтай. Куы дыл фæзынд фыццаг адæймаг, уæд æрыгон мадау нал æфсæстæ цинæй. Рæвдыдта дæу йæ зæлдаг тынтæй хур. Зылд рæстæджы цалх - йемæ хаста амонд, фæлæ ныссаст хæрам дуртыл кæмдæр. Дæ фырттыл бафтыд сæфты зæд. Фыдæхæй кæрæдзи тонынц. Нал æнцайы хæст. Æмæ хъæрзы уæззау цæфтæй дæ зæрдæ. Æз ын æхсын йæ хъæдгæмттæ цæссыгæй, фæлæ сыл туг кæлы æмæ хæрам хæссынц.



Ахуыргæнæг:

Уæззау рæстæг... Цымæ кæд нæ уыд ирон адæмæн та уæззау рæстæг?! Æвæццæгæн нын Хуыцауæй лæвæрд у ахæм хъысмæт. Абон, мæ хуртæ, æрдзурдзыстæм Джыгкайты Шамилы историон трагеди "Хъодыгонд зæд"-ыл. Нæ хæс у базонын, чи у йæ автор, цавæр проблемæтыл дзуры йе ´сфæлдыстады, цавæр у трагедийы идейæ. Раиртасын авторы хъуыдытæ, раттын сæйраг хъайтартæн характеристикæ.

... Кæлгæ хуырау кæрæдзийыл нæ хæцæм,

Нæ хæрзтæн нæу Къостайы сидт фæндон.

Ныббар, фæлæ мæ риссæгтыл нæ хъæцын,

Æз удыгæстæй базыдтон мæ бон.



Мæ уынгæг куывд дæ хорзæхæй æрцæуæд:

Æз мæрдтæм сидын а изæр - фæдис!

О, райхъал уæнт Цæразонæн йæ цæуæт,

Æнувыд уæд йæ фидæрттыл Дзывгъис.



Мæрдырох нæй Хазби æмæ Бегайæн,-

Нæ Ир сæ хъæрмæ иу лæгау тырнæд,

Нæ уыдзæн уæд нæ зæххы мурæй кайæн,

Аллонтæ уæд нæ кæндзысты фыдвæд.

...

Уæддæр кæуын цъæх дуры сæр, - нæ адæм,

Сæ фидæныл цæуылнæ кæнынц мæт?

Нæ талф-тулфæй нæ бæсты низ нæ хатæм,

Нæ тыхтæ нын ныддих кодта хъысмæт.



Уæлæсыхыл куы бандзарынц ызнæгтæ,

Дæлæсых уæд цæмæн саразынц хъазт?

Цæуыл хæрынц сæ кæрæдзи нæ лæгтæ?

Кæдмæ уыдзæн нæ царды бындур фаст?

(Изæрмилты кувын"-æй скъуыддзаг).



Архайд сбæттын Аланты паддзахадæн йæ тæккæ зындæр æмæ тугкалæн цауимæ.

Историон справкæ:

"Кæддæрты йæ ном æгас Европæ æмæ Азийыл кæмæн ныхъхъæр, йæ аргъуантæ ныр дæр ма Хъубаны доны былтыл бæрзонд рындзтæй сæрыстырæй кæмæн фæлгæсынц, сæрбахъуыды йæ домбай сыхæгтæ æххуысагур кæмæ цыдысты, уыцы Аланты паддзахадыл 13 æнусы æрцыди стыр бæллах. манголты æрдонгтæ йыл туджы зæйтæ рауагътой. Ир къордтæ - дихтæ ныййисты. Се ´лдæртты фылдæр хай сæхи радтой тыхгæнджыты къухмæ, фæсдзæуинтæй сын ныллæууыдысты. Ирæттæ - фыдгултæ сæ фыдгулты æфсады уылæнтимæ мингæйттæй фæхауæггаг сты сæ райгуырæн бæстæй. 13 æнусы ирæтты иу хай афтыди Хъырыммæ, иннæ та тюркаг адæмыхæттытимæ бахæццæ суанг Венгримæ æмæ æндæр бæстæтæм. Иры æфсады хицæн къордтыл 14 æнусы сæмбæлæн уыди Болгарийы æмæ Сербийы. Афтæ алнты уидæгтæ лыгтæ æмæ цæнкуылтæй ныххæлиу сты алы кæрæтты æмæ бахуыскъ сты. Æрмæст ма дзы Кавказы хæхты чи баззад, уый фидар разынди... Æмæ та ногæй тау суагъта... 14 - 15 æнусты астæу тæтæр - манголты æфсæдтæ аланты куы ´рбалхъывтой, уæд дзы уыд аланты хъæбатыр фæтæг Бурæхан. Уый тыххæй историйы фыст ис: "Когда мысли Тимура... успокоились от дел с областьи русских и черкесов, то он со всеми подобными небосводу войсками повернул к горе Эльбрус. В намерении показать неверным знамя, мир завоевывающее, направился он на Буреберди и Бурахана, которые были правителями народов асов. Походы Тимура на Северный Кавказ этим не закончились. В 1400 году Тимур снова ворвался в Грузию, проник в Арагвийское ущелье, и был даже по свидетельству грузинской летописи, в Дарьяльском ущелье, но войска его понесли большой урон от летучих отрядов горцев". (История Северной Осетии).

Справкæ кæсгæйæ æвдыст цæуы видеоæрмæг - тæтæр - манголты хæст аланты ныхмæ.

Ахуыргæнæг:

1. Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта ацы видеоскъуыддзаг?

2. Куыд уæм кæсы, иумæйагæй сæм цы ис нæ трагеди "Хъодыгонд зæд"-имæ?

3. Сымахмæ гæсгæ куыд схонæн ис нæ урочы темæ?

Ахуырдзауты дзуæппытæ.

Ахуыргæнæг:

Ссардта Шамиль, цæмæй спайда кæна, уый, равзæрста йæ уацмысæн формæ дæр. Кæддæрты, критиктæ бирæ фыстой. зæгъгæ, Шамиль йе сфæлдыстады арæх пайда кодта историйæ. Мæнæ куыд зæгъы уый тыххæй Хъодзаты Æхсар Шамилы поэтикон æмбырдгонд "Цæф сæгуыты маст"-ы тыххæй: "Некоторые критики упрекают поэта в том, что он слишком часто обращается к истории. Мне кажется, что этот упрек несправедлив. Интерес Джигкаева к истории и древним традициям народа вызван его кровной связью с родной землей."

__ Цымæ цæмæн сфæнд кодта ахæм трагеди ныффыссынæн? Шамил сæрмагондæй загъта: "Ныр Ирыстон цæмæй риссы? Нæ хицауад нæ æргæвдынц, Ирыстон сафынц. Адæм ныддихтæ сты. Ау, ирон адæм никуыуал баиу уыдзысты? Ау ирон адæммæ сидæн дæр нæй? Æцæг, уæззау цагъары уавæрты ис Ирыстон... Æмæ цæй тыххæй райдыдтон фыссын мæ трагеди? Рæстæг æй домдта. Мæн фæндыд, мæ зæрдæйы арфы цыдæриддæр ис, уый зæгъын".



Фыст æрцыд Хъодыгонд зæд".

Цæмæй нæ куыст æнæкъуылымпы уа, уымæй уал дзырдуатон куыст бакæнæм. Дзырдуат:

Æндидзæн рæстæг - Эпоха Возрождения.

Сæудар - райсомæй тынг раджы.

Сыфцæй - буксирæй.

Æдзæм - сабыр, мæрдон сабыр.

Мылазон - тар.

Къæдзилæг - кометæ.

Уæлагъуыд - атмосфера.

Сывæлдаг - слой.

Зæд - уæларвон цæрæг. Сыгъдæг алцæмæй дæр: хъуыдытæй, æнкъарæнтæй, хъуыддæгтæй.

Хъоды - хъоды кæуыл бакодтой, уый адæмы хсæнæй тард æрцыд, æппæт царды хæрзиуджытæй цухгонд уыд.

Цыбыртæй ма йын радзурæм йæ сюжет.

Скъоладзау:

Борæхан - Аланты фæтæджы фырт æрыздæхт йæ фыды уæзæгмæ æцæгæлон бæстæты дард балцæй æмæ йæ æрæййæфта тынг зын уавæры, змæст рæстæджы. Цалынмæ Борæхан балцы Ром æмæ бердзентæм цыдис, фæрныг адæмыл зондагур зылдис, цæмæй уый фæст йæ фыды - фæтæджы кард хæссын фæраза, уæдмæ йæ фыд мард æрцыдис, адæм та хуыдуг кодтой Сыгъзæрин Ордайы æфсоны бын. Бæстæ ныммур, ныддихтæ ис, алыран - хæстытæ, цагъардзинад, адæмы æппæтиумæйаг тыхсаст. Борæханы бынат æрцахста бонджын Атох. Уый афтæ æнхъæлдта, æмæ фæтæджы фырт никуыуал раздæхдзæн йæ балцæй. Борæхан тынг ныфсджынæй æрцыд йæ райгуырæн зæхмæ, федта æндæр адæмты историон тохы хъæбатырдзинæдтæ, фехъуыста Куликовы тыгъды уырысы уæлахиздзинад. Æмæ куы федта, цавæр уавæры ис йæ бæстæ, уæд йæ зæрдæ бандзыг арф патриотон тыхстæй. Йæ хъуыдыйы ис Аланыстон йæ къæхтыл слæууын кæнын, мангойлаг залымтæй йæ фервæзын кæнын.

Атох æмæ йæ хъузæттæ Борæханы ныхмæ слæууынц. Йе ´рцыдмæ йын йæ фыды ккæй амардтой, уый сæм фаг нæ фæкасти. Ноджы ма Буртæджы дзыхæй адæм базонынц мæнг ныхас, ома, дам, Борæхан Гæтæджы фырт Сосланы фæсхохмæ арвыста æмæ йæ бабын кодта. Адæмы хъуыды сзыгъуыммæ кодтой. Адæм нæ бамбæрстой, цæмæн хъæуы мæсыг, баууæндыдысты Атох æмæ Дзуары лæгыл, æмæ хъоды бакодтой Борæханыл. Ноджы ма Борæханы уарзон чызг Зæринæ Атохы фырт Еллбердæй дам - думтæ фехъуыста, ома, сахарты хæтæг устытыл зылдис æмæ дзы иуимæ фидыд у, зæгъгæ, æмæ йæхи атигъ кæны Борæханыл.

Ахуыргæнæг:

Цы баци Борæхан дарддæр?

Скъоладзау:

Кæй зæгъын æй хъæуы, Борæхан фæтыхсаст вæййы. Зæринæ дæр ма йыл куы бахъоды кодта, уæд та бынтондæр. Уый бæрæг у йæ монологæй. (кæсы Борæханы монолог).

___ Мæнæн ис мард - нæ ивгъуыд кад, нæ ном,

Мæнæн ис дзуар - нæ фидæны сæрибар.

...............

Адæм

Куы базоной мæ фыстыты нысан,

Уæд нарты цæуæт нал уыдзысты къордтæ,

..................

Аллоны тæф кæнид, æмæ та ногæй

Йæ хъысмæтæй ысуаид уæд Хуыцау...



Ахуыргæнæг:

Уæдæ цы фæнд ис Борæханмæ? Куыд уæм кæсы?

Скъоладзау:

Борæханмæ ис фæнд: "мæсыгæн æрæвæрын бындур", "цъæх дурыл ныффыссын фæрныг дзырдтæ": "Кæнæ сæрибар - кæнæ мæлæт". Сæ нысан у иудзинадмæ сидт.

Ахуыргæнæг:

Борæхан аразы мæсыг. Цымæ цæмæн? Цæй символ у мæсыг?

Скъоладзау дзуапп дæтты. (Фæйнæгыл слайдтæ - мæсгуытæ)

Мæсыг у иудзинады, сæрибары символ. Хъодзаты Æхсар мæнæ куыд загъта: "Мæсыг - æнамонд адæмы фидæн, йæ царды уидаг, йæхæдæг бахсынынмæ чи хъавы, уыцы цагъарты сæ фыдбылызæй ратоныны мадзал. Мæсыг - ныфсы, хъаруйы нысан. Мæсыг - зонды, рухсы, фидауцы, аивады, чиныджы, иу ныхасæй фарны фæлгонц. Æппын фæстаг, мæсыг - ирæтты хæлд паддзахад ногæй йæ гаччы сбадын кæныны символ...".

Ахуыргæнæг:

Борæхан аразы мæсыг, сиды иудзинадмæ. Ирон истори æмæ ирон литературæйы Борæхан иунæг у? Цавæр хъайтар у Борæхан?

(Æрлæууын кæнынц сæ зæрдыл, раздæр кæимæ базонгæ сты, уыцы хъайтарты).

Скъоладзаутæ къордтæй куысты фæстæ дæттынц дзуапп:

__Борæханы æмрæнхъ æмбæлы æрæвæрын: Бесæйы "Амыран", Хæсанæйы "Æфхæрдты Хæсанæ", Чермены "Чермен", Хазбийы "Хазби" æмæ æндæрты. Уыдон дæр æнувыдæй тох кодтой рæстдзинады уæлахизæн æлдæрттимæ. Сты романтикон удты хицæуттæ, гуманисттæ, патриоттæ.

__ Борæхан у ног хъайтар. Ист у историон æрмæгæй. Автор йæхæдæг цы сæйраг проблемæтыл тыхсы, уыдон рахизынц йæ хъайтары хъуыдымæ, йæ миддунемæ, æмæ фæзынынц йæ трагикон хъысмæтыл.

___ Мæнмæ гæсгæ та Борæхан ахæм хъайтар нæу, æрмæстдæр йæ паддзахад сфидар кæныныл чи хъуыды кæны. Уый философ у. Хъуыды кæны арфдæр. Уый у растхъуыдыгæнæг, расттæрхонгæнæг, æмæ уымæн зæд у.

___ Мæ хъуыдымæ гæсгæ дæр, зæд у æцæг. Æркæсæм ма йын йæ ныхæстæм.

Æгадæй зын у цæрын,

Нæ уæлæрвты æфсондзыл.

Æгомыг галау сахуыр ыстæм мах,

Нæ худинагæй нал кæнæм æфсæрмы,

Æмæ быхсæм цагъары цард,

Фатау мæлæт хуыздæр у!

__Кæнæ:

Цæй мæгуыр дæ, цæй мæгуыр дæ, мæ бæстæ!

"Мæ бæстæ" загътон?

Нал ис уый мæнæн!

Ыстæхынмæ кæцæй хъавыдтæн, уым,

Æрбадт æввонгæй сау халон!..

Мæнмæ гæсгæ ацы ныхæстæ зæды æмных лæджы ныхæстæ сты.

Ахуыргæнæг:

Зæд æй хуымæтæджы нæ хонынц. Цавæр хоны йæ хæс та? Цы зæгъы, куыд æй уыны?

Скъоладзау: (кæсы текст).

Нæ кæмтты хъуамæ саразæм гæнæхтæ,

Æфсад ыскæнæм, раттæн сын нысан,

.................................

Æмæ ма ноджы:

Йæ нысан ын уынын!

.................................

Сæ зæрдæты сын тасы уидаг амар.

Ахуыргæнæг:

Раст бафиппайдтай. Уæдæ ма зæгъут, кæд зæд у, уæд хъодыгонд та цæмæн у? Ау, уый гæнæн дæр ис æмæ ирон лæг зæдыл хъоды бакæна?

Скъоладзау:

Уацмысæн йæ сæйраг хъуыды дæр уый мидæг ис, æмæ ирон адæм сæхи хуызæн кæй нал уыдысты, кæй райдыдтой тæрсын сæ аууонæй дæр, кæй ныддихтæ сты. Æртæ ирон лæджы иу тæтæйрагæй кæм тарстысты, сæ уæрджытыл лæугæйæ фосы быхст кæм кодтой ехсы над, уым зæд ай-гъайдæр хъодыгонд уыдаид.

Ахуыргæнæг:

Уæддæр зæдыл хъоды бакæн - раст уæм кæсы уый?

Скъоладзау:

Мæнмæ гæсгæ адæм зæдтæ æмæ Хуыцауыл нал æууæндыдысты, хан сын сси Хуыцау дæр, æмæ зæд дæр. Æмæ Борæхан йæ сæйраг нысан уыдта, адæмы сæ фынæйæ райхъал кæныны.

Ахуыргæнæг:

Цæмæй хъайтарæн характеристикæ радтай, уымæй æрмæст йæхи кой кæнын фаг нæу, мæнмæ гæсгæ. Йæ ныхмæлæуджытæ та чи сты?

Скъоладзау:

__ Атох, Елберд æмæ сæ хъузæттæ. Атох кæд фæтæг у, уæддæр æргомæй зыны йæ лæмæгъдзинад, уæлдайдæр та Борæханимæ кæм фембæлы, уыцы нывты. Ис ын æрмæстдæр иу нысан: цыфæндыйæ дæр бахъахъхъæнын йæ къæлæтджын. Уæвгæ йæ фæтæг схонæн дæр нæй. Фæтæг вæййы адæмæн сæхицæй рацæугæ, æлдариуæг сыл нæ фæкæны, кад сын кæны, нымайы сын сæ хъуыды. Фæцæры адæмы сагъæсæй, адæм ыл феууæндынц æмæ йæ фæстæ фæцæуынц. Атохы аххосæй та адæм сæ хъуыды æргомæй зæгъын нал уæндынц, пъæззы сыл ныббадт. Уый аххосæй 10 мины фæсивæдæй бындзагъд фæвæййынц кæйдр хæсты. Ахæмтæн лæджы ном раттæн нæй.

__ Елберд та бынтон диссаг. Уæдæгонд æй сылваз рахоны, ома йæм нæлгоймаджы миниуджытæй ницы ис. "Тыхджын" вæййы йæ хъузæтты раз, йæ дымыстæрджыты сæргъы, чызджыты цæстмæ. Атох дæр, Елберд дæр, Дзуары лæг дæр. Уыдоны ис æрмæстдæр иу мæт: куыд бахъахъхъæной сæ хъарм бынæттæ, æмæ уый тыххæй цæттæ сты тæтæры нæ, кæй фæнды зæвæттæ стæрынмæ дæр.

Ахуыргæнæг:

Уацмысы сæйраг хъуыды раиртасынæн авторы фæхъæуы алы архайæг дæр. Алчи дæр дзы феххæст кæны йæхи роль. Куыд уæм кæсы, "Саударæг усы" роль цавæр у трагедийы?

Скъоладзауты хъуыдытæ:

__ Саударæг усы архайдæй бæстондæр рабæрæг вæййы авторы мæт. Саударæг у, кæй зæгъын æй хъæуы, символикон фигурæ. Саударæг ус драмæйæн у йæ рахæцæн, йæ архайды цырв. Уый фæллад у æппæт хæстытæй. Йæ хуызы бацыд - зæхх, - йæ рыст, йæ тыхст, йæ сагъæстæй хъæрзы. Æмæ кæд дуне талынг у, уæддæр саударæг ус уыны лæгмарты, бæстæсафджыты, мæнгард, хуыснæг æмæ уæйгæнджыты. Ацы фæлгонцы, мæнмæ гæсгæ, автор æвдисы райгуырæн зæххы уавæр, йæ хъизæмæрттæ.

__ Мæн та ма зæгъын фæнды Уæдæгонды тыххæй. Борæхан, Саударæг ус æмæ Уæдæгонд сты æцæг хъайтартæ, æцæг адæм. Иннæтæ мæм фæкастысты, мæнæ аргъæутты лæугæйæ кæй бафынæй кæнынц, ахæм адæм. Уæдæгонд, кæд æй адæм æдылыйыл нымайынц, уæддæр у æцæг лæг. Раздæр, æвæццæгæн, æцæг уæдæгонд уыди, фæлæ йæ бæстæйыл фыдæбон куы ркодта, уæд æм фæзынди зонд, хъару, цæмæй йæ хъуыдытæ æдæрсгæйæ, æргомæй дзура. Йæ хъуыды æргом зæгъын чи уæнды алкæм дæр, уый мæм кæсы æцæг лæг.

Ахуыргæнæг:

Ноджы ма иу хъуыддаг:"исты зæгъын кæй фæфæнды, уымæн æвзаг хъуамæ уа", - уый венгриаг æмбисонд у. Шамилмæ уыд бирæ хъуыдытæ, ссардта сын формæ, ссардта, цы æгъдауæй сæ зæгъа, уый. Йæ æвзаг та уæм куыд фæкаст?

Скъоладзау:

Трагедийы æвзаг у тынг хъæздыг. Фыст у урс стихæй, ис дзы ирд ритм, динамикæ. Архайджытæн сæ алы репликæ дæр у карды цæфау раст. Ис дзы тынг бирæ эпитеттæ, абарстытæ, метафорæтæ. Автор тынг уæрæх спайда кодта æмбисæндтæй.



(кæсынц, цавæр æмбисæндтæ дзы ис, уый).



Ахуыргæнæг:

"Хъодыгонд зæд" куыд загътам, афтæмæй Шамилы фыццаг драмон уацмыс у. Сценикон цард федта 1980 азы. Йæ режиссер - Дзиуаты Анатолий. Борæханы роль снывæста УСФСР - ы адæмон артист Уататы Бибо. Кæд историон хъайтар уыд, уæддæр æй райстой, куыд абоны хъайтар, афтæ. Уымæн æмæ нæ абоны цардмæ бахаста ног хъуыды, адæмы хоны иудзинадмæ, ныфс сын дæтты. Дзиуаты Анатолий фæстæдæр фысдзæн: "Этот спектакль был как призыв. Мы впервые подняли аланский флаг, перед которым все стояли коленопреклонно. Спектакль имел грандиозный успех. Мне интересно было наблюдать за тем, как люди воспринимают этот спектакль. Это были слезы радости, воодушевления. И, честно говоря, я сам не ожидал, что спектакль может произвести такое воздействие на зрителя".

"Режиссер Дзиуаты Анатолий æппæт дунейы фыццаг бæхты театр "Нартæ" байгом кодта Джыгкайты Шамилы пъесæмæ гæсгæ арæзт спектакль "Хъодыгонд зæд"-æй. Театралон аивады бынтон ног мадзæлттæй арæзт аивадон авналæнтæй æххæст цымыдисаг спектакль. Театрдзауты цæсты раз раудæгас кодта Ирыстоны рагон цауты нывтæ, сæ цин, сæ тыхсты, сæ тохы бонтæ" - афтæ фыста Четиты Рубен газет "Рæстдзинад"-ы 1993 азы 1-æм июлы номыры йæ уац "Рагон цауты абоны хабæрттæ дзыназынц"-ы.

Трагедийы кæрон тырыса сфæйлауы... Шамил йæхæдæг фæстæдæр зæгъдзæн: ""Уый уыд мæнæн ме стырдæр цин, мæ амонд. Æз уæд мæхицæн загътон: "Ирыстонæн мæ цы фæндыди, мæ бон цы уыд, уый сарæзтон. Мæн фæндыд тырыса равдисын æмæ йæ равдыстон. Адæмæн тырыса куы нæ уа, уæд сæ ницы иу кæны, уæд сын нæй ном æмæ фидæн"...

Цавæр проблемæ нын æрæвæрдта нæ размæ фыссæг?

Ирыстоны иудзинады проблемæ.

Пъесæ вæййы ныфсдæттæг ныхæстæй. Чи сæ бакæсдзæн?

Скъоладзау:

Рæстдзинад æмбæхстæй бирæ нæ вæййы. Раргом вæййы иу ахæмы. Æмæ Борæйы рæстдзинад дæр сбæлвырд ис. Æххуысмæ йæм æрцыдысты ир. Борæ фæстæмæ дæр нæ фæкаст, афтæмæй цæуы йæ адæмы разæй хъазуатон тохмæ. Ацыдысты сæ фæстаг хæстон фæндагыл. Тох уыд сæрибардзинадыл. Сæ сæрмæ фæйлауы тырыса. Æмæ кæд мард фесты иууылдæр, уæддæр сæ тырыса бæрзондæй фæйлауы. Тырыса у паддзахады символ, адæмы иудзинады символ. Уый у фарн. Фыдæлты фарн, уымæн та сæфæн нæй. Æмæ дзæгъæлы нæ фæвæййы пъессæ ныфсдæттæг ныхæстæй.

Ахуыргæнæг:

Нæртон фæлтæр! Уæлахиз у уæ намыс...Уынын мæ цагъды уæлдæйттæ. Уæддæр ныфсджын дæн æз. Нæма бахус нæ уидаг. Æмæ та ногæй рухс талатæ суаддзæн. Бæласæн йæ уидæгтæ хъæддых æмæ æнæниз куы вæййынц, уæд бæлас бæрзонд, зæнгджын, къабазджын вæййы. Уыцы уидæгтæй ма æндæр бæлас дæр сзайдзæн. Ирон адæм бæллыдысты уыцы фарнмæ æмæ нын тыхджын уидæгтæ уа. "Уидæгтæ" сты нæ ивгъуыды цард. Æнæ ивгъуыдæй фидæн нæй, фидæнмæ фæндаг та абоны ис. Ивгъуыд куыд æнæкæрон у, афтæ фидæн дæр у æгæрон. Ныййарæг зæххы хъæбултæ кæрæдзимæ æнгом куы рбалæууой, уæд се ´хсæн æрцæрдзæн уарзондзинад, сæ рæстæг дæр уыдзæн амондджын. Ацы хъуыдыйыл æрбындур кодта Шамилы трагеди "Хъодыгонд зæд".

Абоны урокæй уæ чи цы ахæсдзæн?

1. Æз базыдтон нæ рагфыдæлтæ - аланты царды историон фæндæгтæ.

2. Æз бамбæрстон цæй мидæг ис адæмæн сæ фарн.

3. Æз бамбæрстон рæстдзинад кæддæриддæр кæны уæлахиз.

4. Æз мæхицæн сбæлвырд кодтон - хæрам æмæ гадзырахат адæймаг рæстфæндаг нæ кæны.

5. Мæн бафæндыд дыккаг хатт бакæсын трагеди.

6. Æз бафæлвардзынæн мæ адæмы аккаг лæг суæвыныл.

5. Кæронбæттæн:

Скъоладзаутæ хатдзæгтæ кæнынц сæ куыстæн. Аргъ кæнынц сæ дзуæппытæн. Æвæрынц бæрæггæнæнтæ.







-75%
Курсы повышения квалификации

Исследовательская деятельность учащихся

Продолжительность 72 часа
Документ: Удостоверение о повышении квалификации
4000 руб.
1000 руб.
Подробнее
Скачать разработку
Сохранить у себя:
Трагедия "Хъодыгонд зад" (31.94 KB)

Комментарии 0

Чтобы добавить комментарий зарегистрируйтесь или на сайт