Меню
Разработки
Разработки  /  Всем учителям  /  Уроки  /  6 класс  /  Разработка урока по родному (осетинскому) языку в 6 классе. Тема урока «Зонд кæм и, æрхъуыды дæр уым и».

Разработка урока по родному (осетинскому) языку в 6 классе. Тема урока «Зонд кæм и, æрхъуыды дæр уым и».

Разработка урока по родному (осетинскому) языку в 6 классе. Тема урока «Зонд кæм и, æрхъуыды дæр уым и». Работа представлена на осетинском языке. Данный конспект урока предназначен для обучающихся 6-х классов. Владеющая группа.
11.01.2020

Содержимое разработки

Кълас: 6 ( ирон литературæ)



Темæ: «Зонд кæм и, æрхъуыды дæр уым и»

(Кочысаты Розæйы пъесæ «Гæды лæг, кæнæ нæ пъырыстыф сæрра» -мæ гæсгæ)



Урочы нысантæ.

1.Пьесæйы идейон мидис ахуырдзауты æххуысæй раргом кæнын.

2. Скъоладзауты дзырдуат фæхъæздыгдæр кæнын диалогон ныхасы руаджы.

3.Сывæллæттæм цымыдисдзинад гуырын кæнын цыргъзонд адæммæ.

Урочы хуыз.

Ног зонындзинæдтæ райсыны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайд, сæ ныхасæн аргъ кæнын.

Удгоймагон: удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

Карточкæтæ, презентации, интерактивон фæйнæг.

Урочы эпиграф:

«Зондджын - амондджын, æнæзонд - æнамонд»





Урочы структурæ



Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА


Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)



- Уæ разы уыд рагон царды ныв.

- Чи уыдысты ацы персонажтæ?


- Уæдæ нæ Мызылон æмæ Умархан хонынц рагзамантæм.

Æвдисынц пьесæйæ скъуыддзаг (Мызылон æмæ Умархан)


Мызылон æмæ Умархан


Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын),



Актуализаци


(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)









Абон на урочы архайдзысты:


I къорд-иртасджытæ

II къорд-историктæ

III къорд- нывгæнджытæ

IY къорд-актёртæ


Кусдзыстæм ахæм пъланмæ гæсгæ:


1.Уацмысы сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын.

2.Цы рæстæг нын æвдисы пьесæйы автор?

3. Равзарын уацмысы æвзаг.

4. Абарын æй абоны цардимæ.

5. Цæмæн нæ хъæуынц уыдæттæ?


хъусынц









Зонадон

(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, класификаци хи куыстæн пълан аразын)


удгоймагон

(æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды)





Урочы темæйыл куыст.


Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.




- Ныхасы бар иртасджытæн.













-Чи уыд ацы чызг, йæ царды хабæрттæ уын чи радзырдта?

- Ныхасы бар историктæн.












- Ныхасы бар иртасджытæн.










Кочысаты Розæйы номæй дзуры чызг :"Æз райгуырдтæн Ольгинскæйы 12 майы 1888 азы. Мæ фыд уыдис рæстæмбис цæрæг зæхкусæг. Уый тыг хорз зыдта ирон æгъдæуттæ, таурæгътæ, кадджытæ, зарджытæ, аргъæуттæ.Фыццаг ахуыр кодтон нæ хъæуы дыууæкъласон дины скъолайы, уый фæстæ мæ радтой ирон чызджыты скъоламæ Дзæуджыхъæуы. Мæ сабидуг баст уыд кæддæриддæр мæ хъæу æмæ мæ бинонтимæ. Æз дæр, сымахау, уыдтæн чысыл æмæ тынг бирæ уарзтон ме 'мгæрттимæ хъазын, тезгъо кæнын.Уæлдай тынгдæр та уарзтон, мæ фыд мын цы аргъæуттæ дзырдта, уыдонмæ хъусын. Иу хатт мæ сбадын кодта йæ уæрагыл æмæ мын радзырдта "Мæгуыр зæронд лæг æмæ усы аргъау". Мæ зæрдæмæ афтæ арф бахъардта æмæ сфæнд кодтон уыцы аргъауы бындурыл чысыл пьесæ ныффыссын ирон цардæй: "Гæды лæг, кæнæ Нæ пъырыстыф сæрра". Лæварæн мын æй айсут .

- Ацы чызг уыд Кочысаты Розæ.

1774 азы Ирыстон баиу Уæрæсеимæ. Æмбырд цыди Мæздæджы. Ирыстонæй уырдæм æрвыст æрцыдысты дзырддзæугæ лæгтæ. Уæрæсе æмæ Ирыстон баныхас кодтой, кæй сæ ничиуал хъыгдардзæн, хъахъхъæд кæй цæудзысты знаджы ныббырстытæй, æххуыс сын кæй кæндзæн Уæрæсейы паддзах. Паддзах ирон адæммæ сæрвыста йæхи æвзæрст лæгтæ. Уыдон не 'мбæрстой не' гъдæуттæ æмæ не 'взаг Паддзах сæм пъырыстыфты сæрвыста. Хорз бынæтты сæ æрæвæрдта, фæлæ уыдон та сæхи куыд æвдисынц ?

Розæйæн литературон куыст йæ професси нæ уыдис. Фысгæ дæр уымæн чысыл ныккодта-æдæппæт дыууæ пьесæйы. Уыдонæй иу -”Гæды лæг кæнæ нæ пъырыстыф сæрра“, иннæ та ”Мæ уарзондзинад æви мæ фыды ныхас?“. Уыдон адæмы зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдысты æмæ суанг абоны бонмæ дæр сценæйæ нæ цух кᴂны.Уыцы пьесæтæм куы бакастысты, уæд хъæуы скъоладзау чызджытæ сарæзтой ”сылгоймæгты драмон къорд“ æмæ Розæ йæ пьесæтæ фыста уыцы къордæн.. Афтæмæй ирон чызджытæ сæхицæн фæндаг сарæзтой канд театры аивадмæ нæ , фæлæ драматургимæ дæр. Фæстæдæр фæзындысты æндæртæ дæр, фæлæ Розæ уыд фыццаг ирон сылгоймаг фыссæг.


Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын æмæ радзурын зонын),


коммуникативон

(хи хъуыдытæ æргом кæнын),


удгоймагон

(этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын).













Ног æрмæгыл куыст.






-Темæмæ гæсгæ сæххæст кæнæм дзырдуатон – фразеологон куыст.


Æргъæу чырын - рæсугъд, аив чырын.

Грустæ - капеччытæ, æхцатæ афтæ хоны Мызылон.

Дари - зæлдаг хъуымац

Къулер - хицау рарвит-барвит кæнынæн кæй дардта, ахæм адæймаг

Комдзог цæуын - дзырдтæ хæсссын, искæуыл æвзаг кæнын, гадзрахатæй цæуын.

Пъырыстыф - адæммæ æвæрд лæг(пристав-приставленный)


- Дзырдуатон куыст бафидар кæнынæн бакæсæм сценкæмæ.

-Куыд дары йæхи пъырыстыф?

-Кæм лæууы Умархан?

- Цы базыдтам ацы скъуыддзаг бакæсгæйæ?





æвзарынц














Æвдисынц сценкæ «Пъырыстыф æмæ

Умарханы ныхас»


дзуапп дæттынц


Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын),

коммуникативон

(фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытæ æргом кæнын),


удгоймагон

(хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын).




Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.
























































































Чиныгимæ куыст


-Алы къордæн дæр ис сæ разы карточкæтæ хæслæвæрдтимæ. Бакæсут, сæххæст кæнут æмæ дзуапп раттут.




- Ныхасы бар уын.










- Цавæр хъуыдыйæдтæ дзы æмбæлы фылдæр сæ загъды нысанмæ гæсгæ?

- Архайджыты ныхас куыд хуыйны?






- Ныхасы бар уын.





- Ныхасы бар нывгæнджытæн, сæ хæс куыд сæххæст кодтой, уымæ бакæсæм.










- Ныхасы бар актёртæн:





- Къордтæн иумæйаг куыст: æмбисæндтæ кæронмæ ахæццæ кæнут.





- Раст сæ ныффыстой, уый сбæрæг кæнын.

1.Рухс цы талынг къуымтæм не 'ххæссы, уырдæм дæр ныккæсы зонд.

2.Рæдыдыл басæттынæн дæр хъару хъæуы.

3. Æрхъуыдыйы бын – сой.

4. Хæссинагæн-йæ рог, зондæн-йæ уæззау.

5. Тых зондæн-лæгъстæйаг.

6. Зонд кæм и, æрхъуыды дæр уым и.


- Кæцы æмбисонд у цымæ адонæй нæ абоны урочы темæ?


- Ныхасы бар историктæн:










- Пьесæ аив бакæсæм рольтæм гæсгæ, раст интонациимæ, раст цавд æвæргæйæ.




Кусынц къордты.

1-аг къорд - Иртасджытæ. Лингвистикон анализ скæнын текстæн.

Тексты æмбæлынц :

-сидæнтæ..

-æлгъыстытæ…

-ахæсгæ ныхас..

-фидистæ ..

-гуымиры дзырдтæ…

-сомытæ…

-бустæ..

-бирæнысанон дзырд-(зылын)

-æрбайсгæ дзырдтæ


дзуапп дæттынц


2-аг къорд: Историктæ - ссарын тексты сидæнтæ,æлгъыстытæ, ахæсгæ ныхас,фидистæ,гуымиры дзырдтæ,

сомытæ,бустæ,

бирæнысанон дзырд-(зылын), æрбайсгæ дзырдтæ.

Цæмæн сæ пайда кæны автор?

  1. персонажты миддуне æргом кæны;

  2. авторы ахаст персонажтæм;

  3. характеристикæ сын дæтты

3-аг къорд – Нывгæнджытæ.

Æвдисынц, сæхæдæг цы сурæттæ скодтой нывты, уыдон.

Иннæ къордты архайджытæ хъуамæ базоной , персонажтæй кæцытæ сты, уый.(фæйнæгыл сывæллæтты нывты равдыст)

Нывгæнджытæ нывтæй фæрсынц.

4-æм къорд – Актертæ.

Æвдисынц скъуыддзаг пьесæйæ (дзурынц сæ хъуыдытæ)


1.Рухс цы талынг къуымтæм не 'ххæссы,….

2.Рæдыдыл басæттынæн дæр …

3. Æрхъуыдыйы бын –…

4. Хæссинагæн-йæ рог,

5. Тых зондæн-…

6. Зонд кæм и,…













Зонд кæм и, æрхъуыды дæр уым и.



Пьесæйы историон равзæрд.

Пьесæ фыст æрцыд 1905 азы, мыхуыры фæзынд фыццаг ирон аивадон журнал "Зонд"-ы фыццаг номыры 1907 азы. "Гæды лæг, кæнæ Нæ пъырыстыф сæрра" йæ жанрмæ гæсгæ у скетч- чысыл , худæг ныв. Амад у ирон адæмон хъæлдзæг ныхасы (анекдоты ) бындурыл.

Расыггæнаг , фæлæ цыргъзонд æмæ хин лæг Умархан ссардта æхцатæ. Зоны, йæ ус æдылыдзæф æмæ дзæгъæлдзых кæй ,уый. Æхцатæ ссардта, уый куы зæгъа йæ усæн, уæд ыл комдзог рацæудзæн уайтагъд. Уый барæй æнгуырыл тæрхъус бакодта, къæппæджы та кæсаг нывæрдта æмæ йе 'фсинмæ дзуры: …



Уацмыс кæсгæйæ, скъоладзаутæ иртасынц архайджыты ахастдзинæдтæ кæрæдзимæ, пьесæйы сюжет хи ныхæстæй дзурынц.


Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),


коммуникативон

( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ),


удгоймагон

(мадæлон æвзаджы аивдзинад;

Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын)



































Зонадон

(анализ, синтез, абарст; хъуыдытæ логикон æгъдауæй аразын æмæ бæлвырд кæнын; алыхуызон хъуыдытæ нымайын æмæ афтæмæй æмгуыст кæнын),


коммуникативон

(бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)


удгоймагон

(хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын)










Рефлекси.













Æрмæг бафидар кæныныл куыст.







Хатдзæгтæ скæнын.























1. Нæ урочы нæ размæ цавæр нысантæ æвæрд уыди?

2. Куыд уæм кæсы, сæххæст сæ кодтам?

3. Цавæр хъуыдытæ уæм æвзæры?

4. Цы уыдис цымыдисагæй урочы?

5. Алы урок дæр ахæм хъæлдзæг хъуамæ уа æви нæ?

6. Цы райстат уæхицæн ногæй?



1.Цы базыдтам ногæй нæ урочы?

2.Уæ зæрдæмæ фæцыд æви нæ?

3. Цæмæй хицæн кодта нæ урок иннæ уроктæй?

4.Пьесæйы архайджытæй уæ зæрдæмæ чи фæцыд?

5. Чи у се 'ппæтæй зондджындæр ацы пьесæйы архайджытæй?



- Нæ абоны урокæн хатдзæг скæндзыстæм цыбыр тесты хуызы.

- Сбæрæг кæнæм раст дзуæппытæ.


1.Умархан сайы йæ усы:

2.Мызылон æмæ Къомианы ныхас.

3.Пъырыстыф дæр у худæг( нымайы йæхи зондджыныл, афтæмæй та у æдылы).

4.Персонажты æвзаг у конд æлгъыстытæй. Мах худæм ницæйаг адæймæгты гуымиры ныхæстыл.

5.Пъырыстыф уырыссаг æвзагыл дзуры + ирон персонажты реакци+ тæлмацгæнæджы амцæф-уымцæф ныхæстæ.

6.Худæг у иумæйаг уавæр дæр,худæг сты пьесæйæн йæ архайджытæ, стæй се 'взаг æмæ сæ митæ дæр.


-Нæ абоны урочы темæ цавæр уыд?

-Уæхицæн дзы хорзæй цы райстат


дзупп дæттынц























алчидæр æххæст кæны тест хибарæй





бæрæг кæнынц сæ куыст
















- Зонд кæм и, æрхъуыды дæр уым и.

- Зонд кæддæриддæр фæуæлахиз вæййы.




Зонадон,

(архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын; аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын, архайдтытæ алгоритмæ гæсгæ кæнын),


коммуникативон

(хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын алыхуызон критеритæй пайда кæны; ахуырады æмгуыстдзинадæн фæтк аразын),


удгоймагон

(æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын).






















Хæдзармæ куыст.

Ныффыссын цыбыр нывæцæн æмбисондмæ гæсгæ: « Зонд кæм и, æрхъуыды дæр уым и»


Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.















-75%
Курсы повышения квалификации

Проектная деятельность учащихся

Продолжительность 72 часа
Документ: Удостоверение о повышении квалификации
4000 руб.
1000 руб.
Подробнее
Скачать разработку
Сохранить у себя:
Разработка урока по родному (осетинскому) языку в 6 классе. Тема урока «Зонд кæм и, æрхъуыды дæр уым и». (28 KB)

Комментарии 0

Чтобы добавить комментарий зарегистрируйтесь или на сайт