Муниципальное бюджетное общеобразовательное учреждение
средняя общеобразовательная школа № 42
имени Героя Советского Союза Хадж-Умара Джиоровича Мамсурова
Семинар. Мастер-класс
Кæсыны урок
Урочы темæ: «Ногбон алы бæстæты».
Ныхасы темæ: «Æгъдау алцæмæндæр ис» (ирон æмбисонд)
Нысантæ: 1. Скъоладзауты базонгæ кæнын ног æрмæгимæ ( куыд æрвитынц Ногбон алы бæстæты)
2.Аив, æмбаргæ кастыл бакусын
3.Сывæллæтты зæрдæты гуырын кæнын уарзондзинад Райгуырæн зæхмæ, йæ истори, æгъдæуттæ æмæ бæрæгбонтæм.
Урочы æрмæг: презентацион æрмæг, карточкæтæ хæслæвæрдтимæ, тестытæ, цæстуынгæ æрмæг, проектон куыст.
Эпиграф: «Пайда у æцæгæлон адæмты цард æмæ æгъдæуттæ зонын, фæлæ дæхи адæмы рагфыдæлты цард зонын та иууыл пайдадæр у» (А. И. Новиков)
Ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы ахуыргæнæг: Хадаты Фатимæ
Владикавказ,
12.02.2019
Урочы цыд:
Бацæттæгæнæн рæстæг.
- Уæ бон хорз, нæ зынарг уазджытæ! Ирмæ рагæй буц у уазæг. «Уазæг – фысымты цин, уарзт.
Уæ ном уын фæндыры зæлтæй арæм,
Цæут нæм алы бон æгас»
Фæндырæй цæгъды чызг (Цецилия 2-3 мин.)
Мотивацион уавæр
- Диссаджы рæсугъд бон скодта æмæ нæ зæрдæ дæр афтæ рæсугд æмæ хъæлдзæг æнкъарæнтæй цæмæй байдзаг уа, ууыл бацархайæм.
Фæйнæгыл æмбисонд
«Æнгом цуанонтæ саг марынц,
Æнгом бинонтæ цард арынц»
- Скъоладзаутæ, мах дæр урочы кусдзыстæм æнгом бинонтау, цæмæй нын фылдæр бантыса.
Урочы темæ раргом кæныныл куыст.
- Зондаби нæм уазæгуаты æрбацыди. Йемæ нывтæ æрбахаста. Уыдон нын цæуыл дзурынц? Мæнæ дзы заз бæлас дæр ис. Уæдæ нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм? (Ногбоныл).
Ног æрмæгыл куыст.
- Уæдæ, куыд бамбæрстам, афтæмæй ныртæккæ базондзыстæм цымыдиссаг ног æрмæг «Ногбон алы бæстæты»
а) Дзырдуатон куыст.
- Фæлæ уал равзарæм цы ног дзырдтæ дзы ис, уыдон.
- Бакæсæм-ма сæ
Ветнам, хъæууонхадзарадон, Афганистан, ауæдз, Новруз, мангойлæгтæ, япойнæгтæ, Пётр I, бардзырд – указ
æ) Текст бакæсын
- Ис нæм хорз чи кæсы, ахæм сывæллæттæ. (Кæсынц)
б) Къордтæй куыст
- Текстыл кусдзыстæм къордтæй.
3 къорды нæм ис
- Нæ зæрдыл æрлæууын кæнын æрдхæрæны Нарты кадджытæ. Ирон эпосы ис 3 мыггаджы: Алæгатæ, Æхсæртæгкатæ æмæ Борæтæ.
1-г къорд – Алæгатæ
2-г къорд – Æхсæртæгкатæ
3-г къорд – Борæтæ
- Æрдзурут алчидæр йæ къордыл.
Къордты уæнгтæ дзурынц.
- Алы къордæн дæр 2 фарсты. Табуафси, кæрæдзимæ æнгомдæр бабадут æмæ кусут.
- Уæдæ мА бакæсæм нæ эпиграф. Цавæр арф хъуыды дзы ис? (Дæхи адæмы цард æмæм æгъдæуттæ зонын иууыл пайдадæр у)
в) Хæдзармæ уын лæвæрд уыди бацæттæ кæнын, Ног азы бæрæгбон Ирыстоны та куыд æрвитынц? Цавæр вæййы Ног азы фынг ирон хæдзары.
(Сывæллон бацæттæ кодта проект)
г) Ноджыдæр ма сывæллæттæ иумæ бацæттæ кодтой проект. Ногбоны фæстæ цалдæр къуырийы фæстæдæр цы бæрæгбон ралæууы Ирыстоны зæххыл, ууыл.
Направление: этнографическое
Название работы:
«Æгъдау алцæмæн дæр ис».
Выполнили проект:
учащиеся 4 –х классов
Место выполнения работы:
МБОУ СОШ № 42 им. Х. Мамсурова
Научный руководитель:
Хадаева Фатима Еркиновна
учитель осетинского языка и литературы
МБОУ СОШ № 42 им. Х. Мамсурова
Владикавказ, 2019
Пайда у ӕцӕгӕлон адӕмты цард ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ зонын, фӕлӕ дӕхи адӕмы рагфыдӕлты цард зонын та иууыл пайдадӕр у – фыста уырыссаг ахуыргонд Новиков.
Адӕмы царды ахсджиаг бынат ахсынц традицион бӕрӕгбонтӕ. Бӕрӕгбонтӕ ирдӕй ӕвдыст цӕуынц адӕмыудыхъӕд, сӕ психологи, сӕ удварн.
Стыр бӕрӕгбоныл нымадтой фыдӕлтӕ Комахсӕн. Адӕймаг ӕрмӕст бахӕрын ӕмӕ бануазынмӕ нӕ рантыст ацы дунемӕ, хъуамӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ахъуыды кӕна йӕ уды сыгъдӕгдзинадыл дӕр. Ӕмӕ Комахсӕнӕн фыццаджы-фыццагдӕр ис уыцы нысаниуӕг. Комахсӕны ӕрбалӕуды афон нымадтой мӕйы фазтӕм гӕсгӕ, афтӕмӕй ӕййӕфта Ногбонӕй 5-9 къуырийы фӕстӕдӕр.
Комахсӕны ис дыууӕ хайы: Фыды комбӕдтӕн ӕмӕ Урсы къуыри. Къуырисӕры –иу кодтой (ӕхсӕвы), тынг парахат чи уыдис Ирыстоны , уыцы бӕрӕгбон Цӕрвкъахӕн (масленица).
Ацы стырӕхсӕвы номыл-иу хӕдзары ӕфсин суанг фӕззӕгӕй фӕстӕмӕ ӕвӕрдӕй дардта царвы хъуырау ӕмӕ иу цыхт. Царвӕн йӕ сӕртӕй лӕвӕрдтой бинонты кӕстӕрӕн. Царвы сӕртӕн уыдис культон нысаниуӕг, хуыдтой йӕ «царвы къах».
Урсы къуырийы фыццаг бон хъуамӕ скуывтаиккой Алардымӕ. Аларды ирон адӕммӕ нымад уыд ӕмӕ у ӕппӕты рагондӕр бардуӕгтӕй иуыл. Ӕнӕтӕригъӕдӕй цӕрыс, сыгъдӕг дӕхи дарыс, афоныл кувыс Хуыцау ӕмӕ зӕдтӕн дӕ уды фӕллойӕ, уӕд хӕдзары сывӕллӕттӕ – ирвӕзт Алардыйы фыдӕхӕй, науӕд сыл бафтауы низ – дзуар.
Кӕд-иу бинонтӕм Аларды фӕхъызыд, уӕд-иу бинонтӕ йӕ номыл снывонд кодтой фыркъа, бӕгӕны-иу бахсыстой. Ацы хӕрд-нозтӕн стыр культон нысаниуӕг уыдис, куывтой дзы Алардымӕ, цӕмӕй сын уый сӕ сывӕллӕтты хызтаид дзуарӕй ӕмӕ ӕндӕр низтӕй.
Алардыйы бонмӕ ирон бинонтӕ сӕхи цӕттӕ кодтой уӕлдай сыгъдӕгдӕрӕй. Аларды фылдӕр уарзта удӕй сыгъдӕджы. Уыдоны хойрӕгтӕ райсы зӕрдиагдӕрӕй.
Алардыйы хорзӕхтӕм цас бӕллыдысты ирон адӕм, уый бӕрц тарстысты йӕ фыдӕхӕй дӕр. Уӕдӕ куыд куывтой Алардымӕ?
Сыгъдӕг Аларды, Табу Дӕхицӕн… Ахсӕв де’хсӕв у ӕмӕ дын нӕ кувинӕгтӕ бӕстӕг фӕуӕнт. Цас зӕрдиагӕй дӕм кувӕм, уыйбӕрц ӕхсызгонӕй айс нӕ ныхӕстӕ. Рухс Аларды, кӕд истӕмӕй рӕдийӕм, Дӕу аггаг хӕрзтӕ, ӕгъдӕуттӕ нӕ бон нӕу, уӕд хатыр курӕм. Хӕрзтӕй ныл сауд, фыдӕхтӕй нӕ бахиз. Сыгъзӕрин базырджын Аларды, уӕларвӕй Зӕхмӕ хизынвӕнд куы скӕнай, уӕд дӕ фӕндӕгтӕ фӕлмӕн зӕлдагӕй нывӕзт фӕуӕнт. Ӕрмӕст нӕм де’ ргом макуы раздах, дӕ чъылдыммӕ дын кувдзыстӕм. Нӕ сабитӕ Хуыцауы фӕдзӕхстӕй – Мадизӕны уазӕг, ӕмӕ табу Дӕхицӕн! Дӕ рын, дӕ сонӕй сӕ бахиз,бахъахъхъӕн. Куыд ӕхсызгонӕй дӕм кувӕм, афтӕ ӕхцонӕн айс нӕ кувинӕгтӕ.
Алардыйы номы лис зарджытӕ дӕр («Ирон фарн» Айл. Изм.)
Алардыйы хорзӕхтӕм цас бӕллыдысты ирон адӕм, уый бӕрц тарстысты йӕ фыдӕхӕй дӕр, ӕмӕ уыйадыл баззад ӕлгъыстытӕ:
Алардыйы хӕринг фӕу.
Сырх Аларды дӕ айсӕд.
Аларды дӕм фӕхъызӕд.
Аларды дӕм раргом уӕд.
Аларды дӕм йе’ргом аздахӕд.
Абон нӕ царды бирӕ бӕрӕгбӕттӕ ис, фӕлӕ уӕддӕр сӕ сӕйрагдӕртӕ сты нӕ фыдӕлтӕй нӕм абонмӕ чи ӕрхӕццӕ, нӕ фыдӕлтӕ сӕ фарн, сӕ хъомыс кӕуыл бафтыдтой, уыдон.
КУАДЗӔНЫ СЫГЪЗӔРИНБАЗЫР РАЙСОМ
Зӕххыл сырх айк куы атулы, уӕд уалдзӕг райдайы, фӕзӕгъынц. Сыгъзӕрин, коцораджын, дидинкъух, былахуырст уалдзӕг. Ӕрбацӕуы та Куадзӕн ӕмӕ уазал къӕвдатӕ, сатӕг бонтӕн кӕрон скӕндзӕн. Нӕ фынгты бӕркадӕй Чырыстийыл бафӕдзӕхсдзыстӕм нӕхи.
Нӕ зӕрдӕтӕн ӕхцондзинад ӕрхӕсса. Нӕ фидӕн нӕ зӕрин хурау ӕрхоны. Дызӕрдыджы хъуыды уды къуымӕй фӕсура. Адӕмы хӕлӕджы цӕстӕй бахиза. Нӕ кӕстӕртӕ ныфсджын куыд уой, лӕгдзинад ӕмӕ хъаруйӕ – ӕххӕст. Нӕ хистӕртӕ цӕстуарзонӕй – куырыхон. Нӕ рӕзгӕ талатӕ ма бахус уӕнт. Фыдбылызтӕ нӕ къӕсӕртӕй аздӕхӕнт. Нӕ хоры нӕмыг басгуыхӕд. Нӕ фӕззӕджы бӕркад куывдтӕ ӕмӕ чындзӕхсӕвтӕн бахъӕуӕд. Чырысти, ӕримакъух нӕ ма скӕн. Цӕрыны фаг нын хоры кӕфой радт.
Хурты-хурзӕриныл кӕстӕрты оммен сӕмбӕлӕд.
- Ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы иунӕг кадджын Хуыцау, табу дын уӕд! Цы кӕстӕртӕ нын радтай, уыдонӕй нӕ ма фӕриссын кӕн, фӕлӕ сын фӕндон хӕрзтӕ ракӕн!
Уӕ, тӕхгӕ-нӕргӕ Уастырджи, нӕ дзыллӕты дзӕбӕх фӕндӕгтыл сараз. Сӕ райсомы ацыдӕй сын сӕ изӕры ‘рбаздӕхт хъӕлдзӕгдӕр ӕмӕ дзагармдӕр фӕкӕн!
Чырыстийы хорзӕх уӕ уӕд! Йӕ фӕдзӕхстытӕй адӕм ӕххӕст куыд уой! Зӕххыл фӕлмӕн къӕвдайау уарзондзинад куыд ранхъӕвза! Хорз адӕм, алы бӕрӕгбоныл дӕр ӕнӕниз ӕмӕ бӕркадкъухӕй ӕмбӕлут!
Литература
Уарзиати В.С. Праздничный мир осетин // Избранные труды. Владикавказ, 2007. Кн.1. С. 69.
Кокиев С.В. Записки о быте осетин // CМЭИДЭМ. 1885. Вып. I. С. 91.
Хетагуров К. Собрание сочинений Т.IV. С. 370.
Калоев Б.А. Осетины: историко-этнографическое исследование / Б.А. Калоев. М., 2009. С. 319.
Газета Рæстдзинад № 75 - 2019 Дзуццаты Къоста
Презентацион æрмæг
д) Хибарæй куыст. Тест.
Къонайы рæхысы бардуаг (создатель и покровитель надочажной цепи)
Анигал
Сафа
Уастырджи
Ногбон
Бирæгъты бардуаг (Властелин волков)
Сафа
Æфсати
Куырдалæгон
Тутыр
Дымгæйы бардуаг (Владыка, дух плодородия)
Хуыджыры
Анигал
Галагон
Куырдалæгон
4. Доны бардуаг (Владыка вод и водного царства)
1. Тутыр
2. Галагон
3. Донбеттыр
4. Сафа
5. Уæздан сырдты бардуаг (хозяин благородных диких животных)
1. Сафа
2. Кæрчикæлой
3. Донбеттыр
4. Галагон
5. Æфсати
6. Куырдты бардуаг (Хозяин небесной кузницы)
1. Тутыр
2. Кæрчикæлой
3. Куырдалæгон
4. Анигал
7. Мыддарты бардуаг (покровитель пчеловодства)
1. Уастырджи
2. Сафа
3. Анигал
4. Æфсати
- Иу хатт ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм нæ урочы ныхасы темæ: «Æгъдау алцæмæн дæр ис». Ирон адæм алкæддæр куывтой Хуыцаумæ. Зæдтæ æмæ дауджытæ сæ куывд хæццæ кодтой Хуыцаумæ. Тестыты хæслæвæрдтæ бакæсут æмæ раст дзуапп равзарут.
е) Алы къорд дæр саразæд «кластер» дзырд «æгъдау»- имæ.
(Графикон хуызы равдисын темæйы мидис, йæ аразæг хæйттæ)
хистæрмæ хидары
æфсарм хъусын æгъдау
кад ÆГЪДАУ сылгоймагæн аргъ кæнын
уаг зонындзинæдтæм намыс тырнын
Урочы темæ балхынцъ кæнæм синквейны фæрцы.
- Арæзт вæййы 5 рæнхъæй.
1-г рæнхъ – синквейны темæ (номдар);
2-г рæнхъ – 2 миногоны (номдары æууæлтæ æвдисæг)
3-г рæнхъ – 2 мивдисæджы
4-г рæнхъ – хъуыдыйад (темæимæ баст)
5-г рæнхъ – темæ æргомæнæн дзырд – синоним
Бæрæгбон
Хъæлдзæг, ирон
Кафын, зарын
Адæм уарзынц бæрæгбонтæ
Фынг
Рефлекси
– Цæуыл дзырдтам абон урочы?
- Чи уæ цы базыдта ногæй?
- Цы уæм фæкаст цымыдиссаг урочы?
- Кæй куыст фæцыд уæ зæрдæмæ.
Хæдзармæ куыст
- Текст «Ногбон алы бæстæты» хи ныхæстæй дзурын зонын