Гом урок
Темæ: Чеджемты Æхсар. «Зымæгон нывтæ».
4 кълас
Ахуыргæнæг: Табегкаты З. З.
Темæ: Чеджемты Æхсар. «Зымæгон нывтæ».
Нысан: 1. Зымæгон æрдзы тыххæй æрдзурын, æмдзæвгæ быкæсын æмæ равзарын;
2. бакусын кæсыны фæлтæрддзинæдтыл, ныхасы рæзтыл;
3. сывæллæттæн æмбарын кæнын куыст царды хос кæй у, уый.
Ныв «Зымæгон хъæд»
Урочы цыд
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
1. Сбæрæг канын хæдзармæ куыст. (саразын беседæ)
- Цавæр бæрæгбон фæбæрæг кæнынц афæдзы райдиан?
- Куыд бæрæг кæнынц Ног аз Вьетнамы?
- Кæцы афæдзы афон вæййы?
- Афганистаны та йæ куыд фæбæрæг кæнынц?
- Цаган сар цавæр бæрæгбон у мангойлæгтæм?
- Радзурут ма, Японы та йæ куыд фæбæрæг кæнынц?
- Куыд фæзынд заз бæласы бæрæгбон Уæрæсейы?
- Уæ зæрдæмæ тынгдæр кæцы бæстæйы Ног аз фæцыд? Цæмæн?
- Куыд зонæм афтæмæй Ног аз Уæрæсейы вæййы зымæджы. Зæгъут ма мын, цавæр æмбисæндтæ зонут зымæджы тыххæй?
Зымаджы æхсæв афæдзы дæргъæн у
Зымæджы дæндаг др кæрды.
- Куыд сæ æмбарут?
II. Ног æрмæг.
- Абон урочы мах дарддæр ныхас кæндзыстæм зымæджы тыххæй æмæ базонгæ уыдзыстæм Чеджемты Æхсары æмдзæвгæ «Зымæгон нывтимæ».
1. Беседæ саразын.
- Зымæг нын цавæр нывтæ скæны?
- Куыд аивынц бæлæстæ, цæугæдæттæ, фæндæгтæ? (сыв-ты дзуæппытæ).
2. Нывмæ гæсгæ куыст.
- Ракæсут ма нывмæ æмæ зæгъут, цавæр афæдзы афон равдыста нывгæнæг йæ нывы?
- Куыд æй сфæлгонц кодта зымæг хъæды?
- Бæлæстæ та куыд æй лæууынц?
- Цæмæй æмбæрзт сты?
- Бæлæстыл мит куынæ вæййы, уæд сыл цы фæбады?
- Мæнæ ай та цавæр бæлас у?
- Æмæ йыл сырх та цы дары?
- Цавæр бæласыл мы баззайы зымæгон сырх цупæлттæ?
- Зымæгон хъæды цавæр цæрæгойтæ фенын ис?
- Тарст тæрхъус та кæм бамбæхст?
-Адон та цы сты?
3. Дзырдуатон куыст.
Къардиу-обрыв, салф – иней, миты рагъ – сугроб, къахвæндаг – тропинка, тæссаргом – склон.
(Кæсын дзырдтæ, стæй сыв-тæ фыссынц сæ тетрæдты)
4. Бакæсæм æмдзæвгæ «Зымæгон нывтæ» æмæ мын зæгъут, поэт куыд равдыста зымæгон æрдз.
5. Кæсынц сыв-тæ
6. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын:
- Куыд æвдыст у мыртгæ?
- Цы хуызæн у быдыр?
- Цы ми кæны хъыргъы? Тæрхъус?
- Цы равдыста поэт йе’мдзæвгæйы? (Поэт сарæзта зымæджы нывтæй цалдæр).
III. Урочы кæронбæттæн.
- Поэт йе’мдзæвгæйы равдыста зымæгон æрдзы нывтæ. Уыдоны руаджы раргом кодта йе’нкъарæнтæ, зымæг йæ цæстытыл цы хуызæнæй уайы, уый.

Чеджемты Ахсар. Зымагон нывта (18.52 KB)

