Меню
Разработки
Разработки  /  Родной язык и литература  /  Уроки  /  10 класс  /  Проблема патриотизма в военной лирике Гриса Плиева

Проблема патриотизма в военной лирике Гриса Плиева

ВЕЛИКАЯ ОТЕЧЕСТВЕННАЯ ВОЙНА, ВОЕННАЯ ЛИРИКА, МОНОЛОГ, ПАТРИОТИЗМ, НАЦИОНАЛЬНЫЙ ХАРАКТЕР
08.11.2021

Содержимое разработки

Грисы лирикæ

Хъæздыг у Грисы лирикæйы мидис. Алыхуызон у йæ тематикæ. Фæлæ цыфæнды поэтæн дæр вæййы, йæ зæрдæмæ хæстæгдæр чи у, йæ курдиат парахатдæрæй кæм зыны, ахæм темæтæ. Грисæн ахæмтæ сты хæст æмæ аивад.

Поэты бæрн æмæ аивад. Поэт царды фæзындтытыл куыд сагъæс кæны, афтæ иудадзыг хъуыды кæны поэзийы æрдз æмæ поэты нысаныл дæр. Грис уацтæ арæх нæ фыста, йæ этикон æмæ эстетикон цæстæнгас системон хуызы кæм нывæнды, ахæм куыстытæ йæм нæй. Æрмæст иунæг уацы бафæлвæрдта Грис йæ хъуыдытæ поэзийы æууæлты тыххæй бæстон зæгъын. Уацы зынынц поэты эрудици æмæ бæрзонд эстетикон домæнтæ. Грис сфæлдыстадон æнтысты рахæцæн хоны æрдзон курдиат, арф хъуыды кæнын æмæ стыр дæсныйад.

Сфæлдыстадон æнтысты уавæртæй иу у нывгæнæджы бæрц. Поэт æфсæрмы кæны поэзийæ, адæмæй, йæхицæй. Уымæ гæсгæ йæ уацмыстыл кусы зæрингуырдау. Уый хæдæфсармæй зæгъы:

Нæ Иры размæ ног чиныг хæссын,

 Æмæ та ризы рагацау мæ зæрдæ.

Грис æдзухдæр хынцы поэты стыр бæрн. «Магуса бæстон куыстыл нæ тыхсы», — зæгъы Плийы-фырт æмæ домы йæхицæй бирæ кусын, удæй арт цæгъдын. Грисы стырдæр бæллиц уыд адæмы раз йæ хæстæ бафидын, бæрзонд идеалтæ сфæлдисын, дунейæн рæсугъд хъуыдытæ раттын. Плийы-фырты эстетикæ нывæфтыд æрцыд æмдзæвгæ «Поэт»-ы. Ам уынæм сфæлдыстадон кусæджы хъысмæт, йæ рухс нысанмæ карды комыл чи цæуы, арты æмæ фæрæты бын дæр йæ идеалтыл йæ зæрдæ чи нæ ивы, ахæм пехуымпары царды уаг.

Нæй ахизæн рæстæджы арæнтæй. Æхсæнадон царды домæнтæм гæсгæ Грис дæр кады зарджытæ кодта парти æмæ фæтæгтыл, фæлæ уыдон не сты йæ курдиаты нысан, уыдон ныхмæ цæуынц йæ хуыздæр уацмыстæ. Грисæн æнæ- уынон у «бæрæгбоны поэт», хицауы фæсдзæуин, — уый æгаддæр у айуанæй. Ацы темæ дæр æнусон у. Фæлæ алы заманæн дæр ис йæхи хуызтæ æмæ уыдонмæ гæсгæ æнусон темæтæ райсынц рæстæджы æууæлтæ, бацæуы сæ ног мидис. Бæрæгбоны поэт советон дуджы, æхсины лæгау, уыд «нæ фыдты фыд нæ худинаг», уый уыд галуаны поэтæй цурондæр, козбаудæр, уый бæстыл хаста мæнгдзинады хъæстæ, æмæ уымæй адæмы зæрдæтыл æфтыд цагъардзинады низ. Уæд Грис æргомæй расидт æцæг поэты æгъдау: «Ды дæ дæхи бæрзонддæр бард- уаг, Дæ хаст уынаффæ дын — уæлдæр». Ацы ныфсхаст хъуыды цыд официалон идеологийы ныхмæ, уый карз тæрхон хаста, аивады цы партион диктатурæ уыд, уымæн. Грис гуманист у, æмæ адæймагæн (поэтæн) йæ дзуар схуыдта йæ «сыгъдæг миддуне». Парти йæхимæ куы хъусын кодта, йæ барвæнд закъон куы уыд, уæд Грис фидарæй загъта Йæхицæн, Поэтæн, Адæймагæн:

Зæххыл ис иу Хуыцау —

Рæстдзинад, Ды иунæг уымæн дæ цагъар.

Ахæм зондахаст адæймаджы кæны сæрибар, дæтты йын ныфс æмæ сфæлдыстадон тых. Фæлæ ахæм бæллиццаг уавæрмæ æрцæуын æнцон нæу. Уый сæраппонд адæймаджы хъæуы зынтæ басæттын, тас амарын, зæрдæйæ цагъары æууæлтæ ралæмарын. Уыцы уавæр у хъуыдыгæ- нæг адæймаджы бæллиц, йæ бæрзонд нысан, уымæ тырнынц философтæ æмæ геройтæ. Уыдон намыс хонынц мæлæтыл ныфсджынæй сæмбæлын, амонд сæм кæсы рæстдзинад æмæ Фыдыбæсты сæрвæлтау цард раттын. Ахæм удон уавæрмæ тырны Грисы лирикон герой дæр («Уды сæрибар», 1968). Тоталитарон æлхъывды зын уыд афтæ сырæзын, фæлæ Грисæн бан- тыст — курдиат, хъуыды æмæ тохы фæрцы.

Мæ хъуыды не ‘мбæхсын мæ фæндтæ, —

Æргом сæ радзурын — мæ бар,

 Æмæ куы нал тæрсын мæлæтæй,

Нæ дæн уæдæй нырмæ цагъар.

Хæстон карды намыс зынаргъ кæрддзæмæй нæу, фæлæ йæ сæрыд æмæ йæ комы цыргъæй. Стилы хуымæтæгдзинад домдтой æппæт номдзыд философтæ æмæ эстетиктæ. Грисы эстетикон бæллиц у æрдзон ныхас, фæнды йæ ахæм стихтæ сфæлдисын, «цыма сыл иу æрмдзæф дæр нæй», æмдзæвгæйы хъуамæ зæлой сыгъдæг æмæ сæрибар рæнхъытæ. Грисæн поэты идеал у Къоста — уый уыд æмæ у «æл- вæст æхсаргард» тыхми, фыдæх æмæ æлдара- ды раз.

Хæсты темæ Грисы лирикæйы

Грисы курдиат райхъал хæсты трагизмæй. Ирон хæстон поэзийы ис бæлвырд æнтыстытæ, фæлæ Нигеры фæстæ раст зæгъы Джусойты Нафи: «Грисы æмдзæвгæты ирдæй зынынц хæстон лирикæйы хуыздæр æууæлтæ, уыдон сты йæ бæрзонддæр æнтыстытæ». Ацы хатдзæгмæ æрцæуынц иннæ литератортæ дæр. Грисы хæстон æмдзæвгæтæй бирæтæ систы хрестоматион æмæ æцæг адæмон уацмыстæ.

Хæсты фыццаг мæйты советон поэзийы сæйраг мотивтæ уыдысты адæмы ныфс æмæ энтузиазм, маст æмæ патриотон æнкъарæнтæ. Фæлæ хæст уыд дæргъвæтин, æмæ уавæртæм гæсгæ ивта поэзийы мидис, фæзынд дзы трагикон нывтæ, арфдæр æвдыста адæмы хъизæмар æмæ хъазуатон тох. Фæстагмæ иртасын райдыдта адæмы психологон уавæр æмæ хæсты философи. Уыцы къæпхæнтыл цыд æмæ рæзт Грисы лирикон сфæлдыстад дæр.

Ирон фольклор æмæ литературæйы рагон æмæ традицион у патриотизмы идейæ. Цæуы эпосæй, граждайнаг этикон тых ын радта генион Къоста. Уыцы идейæ нæ адæмы мидхæсты æмæ Фыдыбæстæйы хæсты кодта сгуыхтытæ æмæ уæлахизтæм. Традицийæн ног цард радта Грис. Фыдыбæстæ æмæ патриотизмы идейæ поэт «Уæлахизы кадæджы» скодта базырджын:

 Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар

 Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:

 Фыдыбæстæ æмæ сæрибар, —

Циу цард æнæ сымах? — Ингæн.

«Уæлахизы кадæг» уыд æрыгон поэты фыццаг хæстон æмдзæвгæ. Уым фылдæр уыд тохмæ сидт, ныфсы ныхæстæ, ард æмæ сомытæ. Уым ныхæй-ныхмæ лæууынц хæрам æмæ уарзт, тыхми æмæ сæрибар, тæппуд æмæ герой, æгад æмæ кад. Фæлæ дзы нæма ис хæст йæхæдæг, нæй дзы, хæст йемæ цы удхар æмæ цы рыст хæссы, уый. Уацмыс æвдисы сæрибары фарнхæссæг рухс æмæ цагъарады тæссаг фæстиуджытæ, кады аккаг кæны хъæбатыры сгуыхт. Фæлæ уый нæма уыд хæсты кадæг. Кадæг суыдзысты Грисы хæстон æмдзæвгæтæ иумæ, æмткæй.

Фæдис æмæ сидты мотивтæй амад у æмдзæвгæ «Цом, фæцæуæм» дæр. Йæ рæнхъытæ фидиуæджы сидæнтау — æлвæст, базырджын, рæстдзæвин; уыдон æвзæрынц патриоты зонд æмæ зæрдæйæ, хæстоны ныфс æмæ гражданины бæрнон хæсæй. Лирикон герой нырма нæ федта хæсты цæсгом, нæма ‘рлæууыд мæлæты раз æмæ йыл дзуры æнцонæй, зæгъæн ис, æмæ уæлмонцæй. Уый у æрдзон уавæр. Сагъæ- сæн рæстæг æмæ фадат нæй: знаг æрбабырста тымыгъау, йæ размæ цæуын хъæуы æвæстиа- тæй, разæнгардæй, ныфсджынæй. Грисы лири- кон геройы зонд у рухс, йæ зæрдæ — фидар, уый уыны йæ нысан, зоны йæ хæс æмæ йæ æххæст кæны йæ уавæртæм гæсгæ.

Хъæздыг у мидис æмæ æнкъарæнтæй Грисы хæстон лирикæ. Мидисмæ гæсгæ сты уацмысты ритмикон зæлынад æмæ поэтикон ныхасы интонацитæ. Цымыдисаг у æмдзæвгæ «Чи зоны» — хъæлдзæг, цыргъзонд уацмыс. Афтæ зыны фыццаг æркастæй. Ам æрдзон уагыл баиу сты рог юмор, хъæхъхъаг сарказм æмæ дæлгоммæ ныхас. Ам авторы характер раргом æппæты ирддæрæй. Æцæг поэзи у йе скæнæджы нывæн. Уацмысы бæрæг дарынц авторы ныхасы хъæд, йæ царды уаг, йе ‘гъдау. Рæдау фысым хæсты размæ хынцы йæ уазджыты — канд цæхх æмæ кæрдзынæй нæ, фæлæ куырыхон ныхасæй дæр, фæлвары сæ зæрдæйы уагæй. Фынджы æгъдау, бинонты ахаст, сидтытæ — уыдонæй рæзы уацмысы национ колорит. Фысым у нæртон, фæлæ хайджын у Семы зондæй, Сырдоны хинæйдзаг æвзагæй, уыны æмæ зоны æппæт дæр, йæ бон у искæй зæрдæмæ ныккæсын, искæй сусæгдзинад рафæлгъауын. Поэт уыны йæ зонгæты хицæн æууæлтæ: «Чи нæ йæ дзыллæйы уарзта, чи та — йæхи уды цард». Бæрæг уыд сæ уаг зын сахаты: «Чи нæ-иу касти цæргæсау, чи та мæсты цæстæй каст». Афтæ уыдзæн хæсты дæр.

Авторы бæллиц у, йæ фауæн ныхæстæ мæнг цы разыной, уый. Фæлæ поэт разынд пехуымпар. Йæ ныхæсты карз æцæгдзинад рабæрæг хæсты быдыры. Поэт фæдзæхста: «Адæймаг иу хатт фæмæлы, — Хъуамæ рæсугъд мæлæт уа!» Уыцы зондахаст бирæтæн не сси царды фæтк.

Грисы лирикæйы патриотизмы темæ куыд æвдыст цæуы, уымæн нæй æххæстæй рахатæн, йæ иу миниуæг ын куы нæ равзарæм, уæд. Поэт (æмæ йæ лирикон герой) фыццаг хæсты куы бацыд, уæд фидарæй загъта йæхицæн æмæ йæ адæмæн: «Æгад нæ фæкæндзынæн хæсты Рæсугъд ирон дзыллæйы ном («Хæцæны»). Поэтæн Фыдыбæстæ уыд æппæт Цæдис, фæлæ йæ Райгуырæн бæстæ уыд Ирыстон, поэт уарзы æппæт дзыллæты, фæлæ йын зынаргъдæр сты йе ‘фсымæртæ — ирон адæм. Хъахъхъæны æппæт бæстæ, фæлæ, фыццаджыдæр, хъуыды кæны йæ адæмы сæр æмæ кадыл, æфсæрмы кæны уыдон номæй, дзуапп дæтты уыдон раз. Афтæ куы нæ уаид, уæд æххæст æмæ æрдзон нæ уаид Грисы патриотизм.

Уырыссаг фыссæг П. Павленко фыста: «Дзырд “ирон” цытимæ дзурынц Фыдыбæстæйы хæсты æппæт фронтты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй». Ирон критиктæ афтæ дзурыны бар нæ лæвæрдтой ирон поэтæн. Фæлæ курдиатджын поэт хивæнд æмæ ныфсхаст у, йæ зонд æмæ йæ зæрдæйы цы ис, уыдон дзуры æргомæй. Æмæ Грис ныффыста æмдзæвгæ «Акъоппы». Хуызджын нывы ирдæй зыны царды æцæгдзинад, советон æфсæддонты æфсымæрон иудзинад. Поэтæн цин хæссы уыдонæй алкæй сгуыхт дæр.

Фæлæ «ирон лæппу басгуыхт!» куы ‘рхæссы

Исчи нæ карз хæстæй цау, —

Зæрдæмæ хицæн цыдæр рухс ныккæсы

Уалдзыгон хуры тынау.

Ацы хъуыды у æрдзон, уый рацыд Адæймаджы зæрдæйæ æмæ срухс Поэты зондæй. Уый хæстоны тызмæг хъуыдыты бауагъта лиризмы фæлмæн уддзæф; æртæх сæууон дидинæджы куыд сатæг кæны, афтæ фидауцджын кæны карз æмдзæвгæты, дæтты сын поэзийы æууæлтæ.



-80%
Курсы повышения квалификации

Занимательное искусствознание: как научить школьников понимать искусство

Продолжительность 72 часа
Документ: Удостоверение о повышении квалификации
4000 руб.
800 руб.
Подробнее
Скачать разработку
Сохранить у себя:
Проблема патриотизма в военной лирике Гриса Плиева (17.31 KB)

Комментарии 0

Чтобы добавить комментарий зарегистрируйтесь или на сайт